Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Библийы цы фыст ис, ӕппӕт дунейыл дӕр чи апарахат вӕййы, ахӕм низты тыххӕй?

Библийы цы фыст ис, ӕппӕт дунейыл дӕр чи апарахат вӕййы, ахӕм низты тыххӕй?

Дзуапп Библийӕ

 Библийы фыст ис, фӕстаг бонты кӕй сарӕх уыдзысты фыднизтӕ (тынг чи апарахат вӕййы, уыимӕ ӕнӕхъӕн дунейыл дӕр, ахӕм хӕцгӕ низтӕ) (Лукайы 21:11). Ахӕм низтӕ кӕй фӕзыны, уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ афтӕмӕй Хуыцау адӕмыл йӕ фыдӕх ныккалы. Уый нӕ, фӕлӕ Хуыцау йӕ Паддзахады фӕрцы тагъд зӕххыл ӕппӕт низтӕ дӕр фесафдзӕн.

 Библийы фыст ис, ӕнӕхъӕн дунейыл дӕр чи апарахат вӕййы, ахӕм хӕцгӕ низты тыххӕй?

 Библийы бӕлвырдӕй COVID-19-ы, СПИД-ы кӕнӕ грипп «испанкӕйы» кой нӕй. Фӕлӕ дзы фыст ис, кӕй-иу сыстдзӕн «фыднизтӕ» (Лукайы 21:11; Раргомад 6:8). Уыцы низтӕ амонынц, «фӕстаг бонты» кӕнӕ «ацы цардӕвӕрдӕн йӕ кӕрон» кӕй цӕрӕм, уымӕ (2 Тимофеймӕ 3:1; Матфейы 24:3).

 Цымӕ Хуыцау искуы адӕмыл низ бафтыдта?

 Библийы фыст ис цалдӕр хабары, Хуыцау-иу кӕуылдӕрты низ кӕй бафтыдта, цӕмӕй-иу сӕ бафхӕрдтаид, уый тыххӕй. Зӕгъӕм, цалдӕр адӕймагыл бафтыдта хъотыр (Нымӕцтӕ 12:1–16; 2 Паддзӕхты 5:20–27; 2 Азфыстыты 26:16–21). Фӕлӕ-иу уыцы низ уыдонӕй ӕнаххос адӕмыл нӕ бахӕцыд ӕмӕ-иу нӕ апарахат. Хуыцау уыцы адӕмыл хъотыр бафтыдта, йӕ ныхмӕ кӕй рацыдысты, уый тыххӕй.

 Ӕнӕхъӕн дунейыл дӕр чи апарахат вӕййы, ахӕм хӕцгӕ низтӕ адӕмыл Хуыцау бафтауы?

 Нӕ. Иуӕй-иутӕ зӕгъынц, зӕгъгӕ, дам, Хуыцау адӕмыл низтӕ бафтауы, цӕмӕй сӕ бафхӕра. Фӕлӕ уый Библимӕ гӕсгӕ раст нӕу. Фидарӕй афтӕ зӕгъӕн цӕмӕн ис?

 Фыццаг уый, ӕмӕ Хуыцауы рагон лӕггадгӕнджытӕ дӕр рынчын кодтой. Стӕй абон дӕр йӕ лӕггадгӕнджытӕ се ’ппӕт ӕнӕниз не сты. Зӕгъӕм, Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнӕг Тимофей-иу арӕх рынчынтӕ кодта (1 Тимофеймӕ 5:23). Фӕлӕ Библийы афтӕ фыст нӕй, ӕмӕ Тимофей рынчынтӕ кодта, Хуыцау дзы райгонд кӕй нӕ уыд, уый тыххӕй. Раст афтӕ абон дӕр Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕй чидӕртӕ фӕрынчын вӕййынц кӕнӕ сыл искӕмӕй исты низ бахӕцы. Адӕймаг арӕхдӕр фӕрынчын вӕййы цӕйдӕр аххосӕй, низ ыл Хуыцау нӕ бафтауы (Екклесиаст 9:11).

 Уымӕй уӕлдай, Библийӕ бӕрӕг у, Хуыцау фыдгӕнджыты кӕд фесафдзӕн, уыцы рӕстӕг кӕй нӕма ӕрцыд. Мах цӕрӕм «ирвӕзындзинады бон»: Хуыцау ӕппӕт адӕмы дӕр зӕрдиагӕй хоны, цӕмӕй йӕм баввахс уой ӕмӕ фервӕзой (2 Коринфӕгтӕм 6:2). Уый куыд аразы? Зӕгъӕм, ӕгас дунейыл дӕр хъуыстгонд цӕуы хорз хабар «Хуыцауы паддзахады тыххӕй» (Матфейы 24:14).

 Искуы ахӕм рӕстӕг ӕрцӕудзӕн, ӕмӕ низтӕ нал уыдзӕн?

 О, ӕрцӕудзӕн. Библийы цы фыст ис, уымӕ гӕсгӕ тагъд иунӕг адӕймаг дӕр рынчын нал уыдзӕн. Хуыцау йӕ Паддзахады фӕрцы низтӕ иууылдӕр фесафдзӕн (Исай 33:24; 35:5, 6). Нал уыдзӕн маст, рыст ӕмӕ мӕлӕт (Раргомад 21:4). Уымӕй уӕлдай Хуыцау райгас кӕндзӕн, чи амард, уыдоны, ӕмӕ зӕххыл дзӕнӕты ӕнӕнизӕй цӕрдзысты (Псалом 37:29; Хъуыддӕгтӕ 24:15).

 Библийы стихтӕ низты тыххӕй

 Матфейы 4:23 стих: «Уый фӕстӕ [Йесо] зилын байдыдта ӕгас Галилейӕйыл, ӕмбырдгӕнӕнты адӕмы ахуыр кодта, хъусын кодта Хуыцауы паддзахады тыххӕй хорз хабар ӕмӕ дзӕбӕх кодта алыхуызон низтӕй рынчынты ӕмӕ, нӕфӕразгӕ чи уыд, уыдоны».

 Йӕ хъуыды. Йесо цы диссӕгтӕ арӕзта, уыдонӕй бӕрӕг у, тагъд Хуыцауы Паддзахад ӕппӕт адӕмӕн дӕр цы арфӕдзинӕдтӕ ӕрхӕсдзӕн, уый.

 Лукайы 21:11 стих: «Сыстдзӕн фыднизтӕ».

 Йӕ хъуыды. Ӕгас зӕххыл дӕр адӕм алыхуызон низтӕй кӕй хъизӕмар кӕнынц, уымӕй дӕр бӕрӕг у, фӕстаг бонты кӕй цӕрӕм.

 Раргомад 6:8 стих: «Акастӕн, ӕмӕ федтон фӕлурс бӕх. Чи йыл бадт, уымӕн йӕ ном уыди Мӕлӕт. Йӕ фӕдыл та цыд ингӕн. Ӕмӕ сын лӕвӕрд уыди... фыднизӕй... марыны бар».

 Йӕ хъуыды. Раргомады чиныджы цыппар барӕджы тыххӕй цы пехуымпарад ис, уымӕй бӕрӕг у, нӕ рӕстӕджы-иу, ӕппӕт дунейыл дӕр чи апарахат уыдзӕн, ахӕм низтӕ кӕй сыстдзӕн.