Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Библийы зондджын адӕмы хъуыдытӕ ис фыст?

Библийы зондджын адӕмы хъуыдытӕ ис фыст?

Дзуапп Библийӕ

 Библийы – хонынц ма йӕ Сыгъдӕг Фыстад дӕр – ис тынг бирӕ зондджын ныхӕстӕ. Фӕлӕ-ма дӕ хъус ӕрдар, Библи йӕхи тыххӕй цы зӕгъы, уымӕ: «Фыстад ӕнӕхъӕнӕй дӕр у Хуыцауы комытӕфӕй фыст» (2 Тимофеймӕ 3:16). Ӕмӕ уымӕн ис бирӕ бӕлвырдгӕнӕнтӕ. Мӕнӕ дзы цалдӕр:

  •   Иу адӕймагӕн дӕр йӕ бон нӕу сбӕлвырд кӕнын, Библи историмӕ гӕсгӕ раст кӕй нӕу.

  •   Библийы фысджытӕ уыдысты ӕнӕхин ӕмӕ сыгъдӕгзӕрдӕ адӕймӕгтӕ. Цы уыди, уый ӕргом кӕй фыстой, уый фӕрцы нӕ тынгдӕр уырны, Библийы рӕстдзинад фыст кӕй ис, уый.

  •   Библийы сӕйраг темӕ у: адӕмӕн сӕ хицау Хуыцау кӕй хъуамӕ уа, уый сбӕлвырд уыдзӕн ӕмӕ йӕ фӕнд сӕххӕст уыдзӕн йӕ уӕларвон Паддзахады фӕрцы.

  •   Библи фыст ӕрцыд миназты размӕ. Ӕмӕ кӕд уыцы рӕстӕг бирӕтӕ алыхуызон рӕдыд хъуыдытыл хӕст уыдысты, уӕддӕр Библийы, наукӕйы цӕстӕй кӕсгӕйӕ раст чи нӕу, ахӕм хъуыдытӕ нӕй.

  •   Библийы пехуымпарӕдтӕ, ома, фидӕны чи ӕрцӕудзӕн, уыцы хабӕрттӕ, кӕй сӕххӕст сты, уымӕн бӕлвырдгӕнӕнтӕ ис историйы документты.