Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Кӕй хъизӕмар кӕнӕм, уый Хуыцауы аххос у?

Кӕй хъизӕмар кӕнӕм, уый Хуыцауы аххос у?

Дзуапп Библийӕ

 Библимӕ гӕсгӕ уый афтӕ нӕу. Йегъовӕ Хуыцау адӕмы уый тыххӕй не сфӕлдыста, цӕмӕй хъизӕмар кӕной. Фӕлӕ фыццаг лӕг ӕмӕ ус аскъуыддзаг кодтой, сӕхӕдӕг кӕй ӕвзардзысты, хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый ӕмӕ афтӕмӕй Хуыцауы ныхмӕ рацыдысты. Уыдон Хуыцауӕй аздӕхтысты ӕмӕ, цы байтыдтой, уый ӕркарстой.

 Абон мах дӕр хъизӕмар кӕнӕм, фыццаг дыууӕ адӕймаджы ӕвзӕр фӕндаг кӕй равзӕрстой, уый тыххӕй. Фӕлӕ афтӕ зӕгъӕн ницы хуызы ис, ӕмӕ адӕмы хъизӕмӕрттӕ Хуыцауӕй сты.

 Библийы фыст ис: «Фӕлварӕны бахаугӕйӕ афтӕ мачи зӕгъӕд: „Хуыцау мӕ фӕлвары“. Хуыцауы фыддзинадӕй бафӕлварӕн нӕй, ӕмӕ уый йӕхӕдӕг дӕр фыддзинадӕй никӕй фӕлвары» (Иаковы 1:13). Хъизӕмӕрттӕй иу адӕймаг дӕр хызт нӕу – Хуыцауы хорзӕх кӕй ис, суанг уыдон дӕр.