Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

ФӔСИВӔДЫ ФАРСТАТӔ

Иннӕты хуызӕн кӕй нӕ дӕн, уый мӕ куы тыхсын кӕна, уӕд цы хъуамӕ саразон?

Иннӕты хуызӕн кӕй нӕ дӕн, уый мӕ куы тыхсын кӕна, уӕд цы хъуамӕ саразон?

 «Хъуамӕ иннӕты хуызӕн уай, кӕннод дын нӕдӕр ӕмбӕлттӕ уыдзӕн, нӕдӕр цард, нӕдӕр фидӕн. Дӕ мӕт ничи кӕндзӕн ӕмӕ уыдзынӕ иунӕг» (Карл).

 Ӕгӕр ӕй нӕ ныддиссаг кодта? Чи зоны, о. Фӕлӕ уӕддӕр чидӕртӕ цыфӕнды дӕр сараздзысты, цӕмӕй сӕ хабар, Карл куыд загъта, афтӕ ма рауайа. Дӕуӕй та цы ис зӕгъӕн? Ацы статья дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй ӕмбӕлттӕ ӕвзарын сахуыр уай.

 Адӕмы цӕмӕн фӕфӕнды, цӕмӕй иннӕты хуызӕн уой?

  •   Уымӕн ӕмӕ сӕ нӕ фӕфӕнды, цӕмӕй сӕ иннӕтӕ сӕхи дард ласой. «Социалон сетьты-иу къамты федтон, мӕ зонгӕтӕ сӕхи куыд ирхӕфсынц, уый, фӕлӕ-иу мӕн та нӕ фӕхуыдтой. Ӕмӕ-иу хъуыды кодтон: „Ӕз та цы кӕнын? Уыдонӕй цӕмӕй ӕвзӕрдӕр дӕн?“ Сӕрра кӕнынмӕ-иу мӕ бирӕ нал хъуыд, куы-иу хъуыды кодтон, чи зоны мӕ нӕ уарзынц кӕнӕ сӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй семӕ уон, зӕгъгӕ, уӕд» (Натали).

     ЦӔУЫЛ ХЪӔУЫ АХЪУЫДЫ КӔНЫН. Искуы дӕм афтӕ каст, ӕмӕ кӕйдӕрты сӕ рӕстӕг демӕ ’рвитын нӕ фӕнды? Цӕмӕй семӕ уыдаис, уый тыххӕй цы сарӕзтай?

  •   Уымӕн ӕмӕ сӕ нӕ фӕфӕнды, цӕмӕй иннӕтӕй хицӕн кӕной. «Мӕ ныййарджыты нӕ фӕндыд, цӕмӕй мӕм телефон уыдаид. Ме ’мгӕрттӕ-иу мӕ мӕ телефоны номыр куы куырдтой, ӕмӕ-иу сын куы загътон, телефон мӕм нӕй, зӕгъгӕ, уӕд-иу афтӕ бакодтой: «Цы? Цал азы дыл цӕуы?» 13 азы, зӕгъгӕ-иу сын куы загътон, уӕд-иу мын фӕтӕригъӕд кодтой (Марийӕ).

     ЦӔУЫЛ ХЪӔУЫ АХЪУЫДЫ КӔНЫН. Дӕ ныййарджытӕ дын бар цӕмӕн нӕ лӕвӕрдтой, уыдӕттӕй дӕм цӕй тыххӕй каст афтӕ, ӕмӕ иннӕтӕй хицӕн кӕныс? Ӕмӕ уӕд цы арӕзтай?

  •   Уымӕн ӕмӕ сӕ нӕ фӕфӕнды, цӕмӕй сӕ иннӕтӕ хынджылӕг кӕной. «Скъолайы сывӕллӕтты зӕрдӕмӕ нӕ фӕцӕуы, исчи йӕхи иннӕты хуызӕн куы нӕ фӕдары, иннӕты хуызӕн куы нӕ фӕныхас кӕны ӕмӕ ма суанг Хуыцауӕн иннӕты хуызӕн куы нӕ фӕкувы, уый дӕр. Иннӕты хуызӕн куы нӕ уай, уӕд дӕ ӕдзух хынджылӕг кӕндзысты» (Оливия).

     ЦӔУЫЛ ХЪӔУЫ АХЪУЫДЫ КӔНЫН. Искуы дӕм исчи ӕвзӕр цӕстӕй каст, иннӕтӕй кӕй хицӕн кӕныс, уый тыххӕй? Уыцы уавӕры цы арӕзтай?

  •   Уымӕн ӕмӕ сӕ нӕ фӕфӕнды, цӕмӕй ӕнӕ ’мбӕлттӕй баззайой. «Мӕ рӕстӕг кӕимӕ ’рвыстон, мӕхи уыдоны хуызӕн дардтон. Дзургӕ дӕр-иу уыдоны хуызӕн кодтон. Худӕг-иу мӕм цы нӕ каст, ууыл дӕр-иу худтӕн. Ме ’мбӕлттӕ-иу искӕмӕй куы хынджылӕг кодтой, уӕд-иу дзы ӕз дӕр хынджылӕг кодтон, кӕд-иу ӕй ӕмбӕрстон, тынг зын ын кӕй у, уӕддӕр» (Рейчел).

     ЦӔУЫЛ ХЪӔУЫ АХЪУЫДЫ КӔНЫН. Афтӕ ахсджиаг дын у, цӕмӕй дӕ де ’мгӕрттӕ уарзой? Цӕмӕй уыдоны хуызӕн уай, уый тыххӕй сын искуы сӕ митӕ ӕмӕ сӕ ныхӕстӕ фӕзмыдтай?

 Цы хъуамӕ зонай

  •   Иннӕты уый тыххӕй куы фӕзмай, цӕмӕй сын сӕ зӕрдӕ балхӕнай, уӕд, гӕнӕн ис, хабар иннӕрдӕм рауайа. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ адӕймаг йӕхицӕй, цы нӕу, уый куы фӕаразы, уӕд уый иннӕтӕ арӕхдӕр фембарынц. Иу 20-аздзыд лӕппу, Брайан, зӕгъы: «Мӕхицӕй, цы нӕ уыдтӕн, уый куы арӕзтон, уӕд мӕ къласӕгтӕй ноджы тынгдӕр хицӕн кодтон. Ӕз бамбӕрстон иу хъуыддаг: цы дӕ, уый уай, уымӕй хуыздӕр ницы ис. Адӕм ӕй бамбарынц, дӕхицӕй исты куы фӕаразыс, уӕд».

     ХУЫЗДӔР КУЫД УАИД БАКӔНӔН. Ахъуыды кӕн, царды дын сӕйрагдӕр цы у, ууыл. Библийы фыст ис, ахсджиагдӕр цы у, уый-иу сбӕлвырд кӕнут, зӕгъгӕ (Филиппӕгтӕм 1:10). Уӕдӕ ахъуыды кӕн ахӕм фарстайыл: «Ахсджиагдӕр цы у: ӕз цӕмӕн аргъ кӕнын, уыдӕттӕн чи нӕ аргъ кӕны, уыдоны хуызӕн уон ӕви, ӕцӕгӕй цы дӕн, уый уон?»

     «Дӕхи марай, цӕмӕй иннӕты хуызӕн уай, уымӕй ницы пайда ис. Адӕм дӕ уый тыххӕй фылдӕр нӕ уарздзысты, стӕй, цы дӕ, уымӕй хуыздӕр нӕ фӕуыдзынӕ» (Джеймс).

  •   Иннӕты куы фӕзмай, цӕмӕй уыдоны хуызӕн уай, уӕд дын дӕхи хъуыды нал уыдзӕн. Афтӕ куы кӕнай, уӕд ӕдзух архайдзынӕ иннӕты зӕрдӕ балхӕныныл, алцыдӕр араздзынӕ, цӕмӕй, иннӕты цавӕр фӕнды, ахӕм уай. Иу ӕрыгон лӕппу, Джереми, загъта: «Мӕ рӕстӕг-иу кӕимӕ ’рвыстон, уыдонӕй цӕмӕй ма хицӕн кодтаин, уый тыххӕй-иу цыфӕнды дӕр сарӕзтон, кӕд уый мӕ номыл ӕвзӕрырдӕм фӕзынд, уӕддӕр. Мӕ цардыл мӕхи бар нал цыди: иннӕты цы фӕндыд, ӕрмӕст уый арӕзтон ӕмӕ уый дзырдтон».

     ХУЫЗДӔР КУЫД УАИД БАКӔНӔН. Царды дын бӕлвырд уагӕвӕрдтӕ уӕд ӕмӕ уыдонмӕ гӕсгӕ цӕр ӕмӕ цӕмӕй иннӕты хуызӕн уай, уый тыххӕй-иу уыцы уагӕвӕрдтыл дӕ къух ма сис, стӕй дын дӕхи хъуыды уӕд. Библийы фыст ис: «Адӕмӕн... сӕ фӕдыл ма ацу» (Рацыд 23:2).

     «Архайдтон, цӕмӕй, ме ’мгӕрттӕ цы уарзтой, ӕз дӕр уыдӕттӕ уарзтаин – музыкӕ, хъӕстытӕ, дзаумӕттӕ, передачӕтӕ ӕмӕ косметикӕ... Архайдтон, цӕмӕй уыдоны хуызӕн уыдаин. Мӕнмӕ гӕсгӕ, уый иууылдӕр ӕмбӕрстой, ӕмӕ йӕ мӕхӕдӕг дӕр зыдтон. Ӕппынфӕстаг мӕм цин кӕнын нал цыд, мӕхимӕ иунӕг кастӕн ӕмӕ, цавӕр адӕймаг дӕн, уый нал ӕмбӕрстон. Мӕхи зӕрдӕмӕ цы цыд ӕмӕ мӕхӕдӕг куыд хъуыды кодтон, суанг уый дӕр нал зыдтон. Ӕз бамбӕрстон, уый гӕнӕн кӕй нӕй, цӕмӕй алкӕй хуызӕн дӕр уай ӕмӕ дӕ алчидӕр уарза. Уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ хъуамӕ дӕ къухтӕ ӕруадзай, ӕмӕ хъуыды кӕнай, ӕмбӕлттӕ мын никуы уыдзӕн, зӕгъгӕ. Ӕнхъӕлмӕ кӕсын зон, ӕмӕ дӕ зӕрдыл дар, ӕмбӕлттӕ скӕнынӕн ӕмӕ, цавӕр адӕймаг дӕ, уый бамбарынӕн рӕстӕг кӕй хъӕуы» (Мелиндӕ).

  •   Иннӕтыл дӕхи куы барай, уӕд уый, гӕнӕн ис, бандава, дӕхи куыд дарыс, ууыл. Иу ӕрыгон лӕппу Крис загъта, йӕ мады хойы лӕппуйы хабар раст афтӕ кӕй рауад. Крис зӕгъы: «Раздӕр цы нӕ кодта, уыдӕттӕ кӕнын, райдыдта, зӕгъӕм, наркотиктыл бафтыд. Ӕмӕ цӕй тыххӕй? Цӕмӕй иннӕты хуызӕн уыдаид. Наркотиктыл афтӕ тынг сахуыр, ӕмӕ йӕ йӕхи бабын кӕнынмӕ бирӕ нал хъуыд».

     ХУЫЗДӔР КУЫД УАИД БАКӔНӔН. Дӕхи хиз, сӕ хъуыддӕгтӕ ӕмӕ сӕ ныхӕстӕ хӕрзӕгъдаудзинадыл дзурӕг кӕмӕн не сты, ахӕм адӕмӕй. Библийы фыст ис: «Зондджынтимӕ чи цӕуы, уый суыдзӕн зондджын, ӕнӕзӕндтимӕ чи лымӕн кӕны, уый та фыдбылызы бахаудзӕн» (Ӕмбисӕндтӕ 13:20).

     «Иуӕй-иу хатт ӕвзӕр нӕ вӕййы, иннӕты хуызӕн уай, ууыл архайын. Фӕлӕ уый тыххӕй зонгӕ-зонын, раст цы нӕу, уый аразын нӕ фӕхъӕуы. Хорз ӕмбӕлттӕ дын чи суыдзысты, уыдон дӕ уарздзысты, цавӕр дӕ, ахӕмӕй» (Мелани).

     Уынаффӕ. Ды цы уарзыс, уыдӕттӕ чи уарзы, ӕрмӕст ахӕм адӕмы ’хсӕн ма агур дӕхицӕн ӕмбӕлттӕ. Ӕмбӕлттӕ агур ахӕм адӕмы ’хсӕн, ды цӕмӕн аргъ кӕныс, уыдӕттӕн чи аргъ кӕны – ды цӕуыл ӕууӕндыс, ууыл чи ӕууӕнды, ӕгъдау ӕмӕ ӕфсарммӕ ды цы цӕстӕй кӕсыс, ахӕм цӕстӕй сӕм чи кӕсы.

    Ис ахӕм дзаумӕттӕ, ӕмӕ дыл не сфидаудзысты. Раст афтӕ ис ахӕм адӕм, ӕмӕ дыл хорзырдӕм нӕ бандавдзысты