Перейти к основным материалам

Йегови Ӕвдесӕнтӕ миссионерти куст кӕнунцӕ?

Йегови Ӕвдесӕнтӕ миссионерти куст кӕнунцӕ?

 Гъо. Йегови Ӕвдесӕнтӕ кӕмифӕнди ма цӕронцӕ, алкӕмидӕр архайунцӕ, цӕмӕй миссионерти хузӕн зингзӕрдӕй лӕггадӕ кӕнонцӕ, гъома адӕмӕн дзоронцӕ се ’ууӕндундзийнади туххӕй (Матфейи 28:19, 20).

 Уомӕй уӕлдай ма еуӕй-еу Ӕвдесӕнтӕ рӕстӕгмӕ кенӕ ба цӕрунмӕ дӕр рандӕ унцӕ сӕ бӕсти ӕндӕр рауӕнтӕмӕ, цӕмӕй уоми цӕрӕг адӕмӕн Библий финст хуарз хабар игъосун кӕнонцӕ. Кӕцидӕр Ӕвдесӕнтӕ ба рандӕ унцӕ ӕндӕр бӕститӕмӕ дӕр, цӕмӕй сӕ бон уа фулдӕр лӕггадӕ кӕнун. Уонӕн устур цийни хуасӕ ’й, Киристей пахампарадӕ сӕбӕл ке ӕнхӕст кӕнуй: «Уодзинайтӕ [мин] ӕвдесӕнтӕ... сауӕнгӕ зӕнхи кӕрӕнттӕмӕ дӕр» (Гъуддӕгтӕ 1:8).

 1943 анзи арӕзт ӕрцудӕй нӕуӕг скъола – Галаади скъола,– цӕмӕй си нӕ миссионерти цӕттӕ кӕнӕн. Уӕдӕй фӕстӕмӕ еци скъола фӕцӕнцӕ 8 000 Ӕвдесӕнемӕй фулдӕр.