Перейти к основным материалам

Йегови Ӕвдесӕнтӕ ци цӕстӕй кӕсунцӕ раздӕр сӕ динбӕл хуӕст ка адтӕй, уонӕмӕ?

Йегови Ӕвдесӕнтӕ ци цӕстӕй кӕсунцӕ раздӕр сӕ динбӕл хуӕст ка адтӕй, уонӕмӕ?

 Йегови Ӕвдесӕн ка иссӕй ӕма донаргъуд ка райста, фал адӕмӕн Хуцауи туххӕй ка нӕбал дзоруй ӕма ӕмбурдтӕмӕ ка нӕбал цӕуй, уонӕй нӕхе еуварс нӕ дарӕн. Мах архайӕн, цӕмӕй сӕ иссерӕн ӕма син банхус кӕнӕн, цӕмӕй нӕуӕгӕй ӕмбурдтӕмӕ цӕун райдайонцӕ.

 Уӕззау тӕрегъӕд ка искӕнуй, уӕхӕн адӕймаги уайтагъд ӕмбурдӕй нӕ рацох кӕнӕн. Фал донаргъуд Йегови Ӕвдесӕн идарддӕр дӕр Библий закъӕнттӕ ку ихала ӕма ӕ рӕдудтитӕбӕл ку нӕ фӕсмон кӕна, уӕд ӕй ӕмбурдӕй рацох кӕндзӕнцӕ, ӕма си уӕд нӕхе еуварс дардзинан. Библий финст ес: «Лӕгъуз адӕймаги уе ’хсӕнӕй фӕссоретӕ» (1 Коринфӕгтӕмӕ 5:13).

 Ӕмбурдӕй ке рацох кодтонцӕ, фал ӕ цардӕмбал ӕма ӕ сувӕллӕнттӕ Йегови Ӕвдесӕнтӕ кӕмӕн ӕнцӕ, уонӕй ба ци ес зӕгъӕн? Кӕд нур еу динбӕл хуӕст ӕнцӕ, уӕддӕр ӕнцӕ еу бийнонтӕ. Уӕддӕр ӕнцӕ лӕг ӕма уосӕ ӕма раздӕри хузӕн еумӕ цӕрдзӕнцӕ.

 Ӕмбурдӕй ке рацох кодтонцӕ, уонӕн сӕ бон ӕй не ’мбурдтӕмӕ цӕун. Ку сӕ фӕндӕуа, уӕд сӕ бон ӕй хестӕр нӕлгоймӕгти хӕццӕ дӕр радзубанди кӕнун, ӕма син етӕ банхус кӕндзӕнцӕ, цӕмӕй нӕуӕгӕй Йегови Ӕвдесӕнтӕ исуонцӕ. Уӕхӕн адӕймаг лӕгъуз гъуддӕгтӕй ӕхе ку хеза ӕма Библимӕ гӕсгӕ ку цӕра, уӕд ӕ бон ӕй фӕстӕмӕ ӕмбурдмӕ ӕрбаздӕхун.