Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

54 ЗАР

«Мӕнӕ над»

«Мӕнӕ над»

(Исай 30:20, 21)

  1. 1. Мӕнӕ ӕй фарни над,

    Ӕцӕг цардмӕ кӕнуй.

    Рагӕй нурмӕ ’й Хуцау

    Ӕ Дзурдӕй амонуй.

    Йесо дин бавдиста,

    Куд цӕуай уобӕл ду.

    Хуцау дин ӕ Дзурдӕй

    Рӕдауӕй рохс дӕттуй.

    БАЗАРД

    Мӕнӕ ӕй над, ӕносон цардмӕ над.

    Еуварс си ма цо, уӕд кӕдзос дӕ цард.

    Хуцау дин аразуй раст дӕ над:

    «Ду размӕ цо! Гъо, мӕнӕ ’й царди над».

  2. 2. Мӕнӕ ӕй царди над,

    Ӕцӕг уарзт ами ӕй.

    Хуцау дин бавдиста,

    Ӕ уарзт ӕнхӕст ке ӕй.

    Куд фӕлмӕн ӕй ӕ уарзт!

    Ӕцӕг ӕновуд уарзт!

    Нӕ царди алцидӕр

    Ӕй уарзти хӕццӕ баст.

    БАЗАРД

    Мӕнӕ ӕй над, ӕносон цардмӕ над.

    Еуварс си ма цо, уӕд кӕдзос дӕ цард.

    Хуцау дин аразуй раст дӕ над:

    «Ду размӕ цо! Гъо, мӕнӕ ’й царди над».

  3. 3. Мӕнӕ ӕй над, кӕсай,

    Е цардмӕ мах кӕнуй.

    «Фӕстӕмӕ ма ’здӕхӕ,–

    Хуцау дӕр нин зӕгъуй.–

    Ӕрмӕстдӕр ами ’й уарзт,

    Ӕй ами фарнӕ дӕр».

    Айӕ ӕй царди над,

    Лӕвар Хуцауӕй ӕй.

    БАЗАРД

    Мӕнӕ ӕй над, ӕносон цардмӕ над.

    Еуварс си ма цо, уӕд кӕдзос дӕ цард.

    Хуцау дин аразуй раст дӕ над:

    «Ду размӕ цо! Гъо, мӕнӕ ’й царди над».