Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

134 ЗАР

Сувӕллӕнттӕ Хуцауи лӕвар

Сувӕллӕнттӕ Хуцауи лӕвар

(Псалом 127:3–5)

  1. 1. Зӕнӕгӕй фидӕ – сӕрустур,

    Мадӕ ӕ бӕдӕлтти цийнӕй цӕруй.

    Хуцау син сӕ зӕрди ӕфтауй,

    Цӕуӕт сӕ барӕ ке кӕнуй.

    Бӕдолӕ ӕй лӕвар Хуцауӕй –

    Е дӕттуй цард, е уарзти сауӕр ӕй.

    Дӕ сувӕллонӕн зунд амонӕ,

    Ӕма дин раст надбӕл цӕудзӕнӕй.

    БАЗАРД

    Йеговӕ уин ’стур кадӕ ’скодта,

    Ирӕзгӕ уод уӕ барӕ ӕй.

    Нур уе ’хӕс ӕй, цӕмӕй уӕ хортӕ

    Хӕссонцӕ раст унаффитӕ.

  2. 2. ’Стур Хуцауӕн е ’гас дзурдтӕ

    Дӕ зӕрди гъӕуама уонцӕ ивӕрд.

    Дӕ сувӕллӕнттӕн сӕ амонӕ,

    Цӕмӕй кӕнонцӕ сӕ ӕнхӕст.

    Хуцауи амундтӕбӕл дзорӕ

    Хӕдзари дӕр ӕма дӕ надбӕл дӕр.

    Сӕ федӕн уӕд рӕсугъддӕр уодзӕй.

    Уодзӕнцӕ арфӕгонд алкӕддӕр.

    БАЗАРД

    Йеговӕ уин ’стур кадӕ ’скодта,

    Ирӕзгӕ уод уӕ барӕ ӕй.

    Нур уе ’хӕс ӕй, цӕмӕй уӕ хортӕ

    Хӕссонцӕ раст унаффитӕ.